Ирыстоны хъæуты кæнынц алыхуызон. Алчидæр растыл нымайы, цы ’гъдæуттыл сахуыр, уыдон. Кæнгæ та сæ хъуамæ кæнæм иухуызон, цæмæй нæ кæстæртæ иу æгъдау кæной, алырдæм ма хæцой, æмæ уæд нæ суйтæ кæндзыстæм.

Мæрдджыны хæдзар фæкæсын хъуаг æмæ æвадат куы уа, уæд сыхæгтæн æмæ хæстæджытæн æмбæлы зианджынæн баххуыс кæнын. Къамисты хъуыды æмæ адæмы фæндонмæ гæсгæ марды æгъдæуттæ кæнын хъæуы афтæ:

1. Адæймаг куы амæлы, уæд йæ фарсмæ чи вæййы, уыдонæй йын исчи йæ цæстытыл æрхæцы. Хæдзары бинонтæ телевизор æмæ кæсæн бамбæрзынц, уат æмæ хæдзары дуар, кæнæ кулдуар байгом кæнынц. Уый фæстæ мæрдджын бинонтæ фыццаджыдæр фехъусын кæнынц сæ сыхæгтæн, хæдзармæ хæстæгдæр чи у, уыцы адæмæн, æмæ уыдон æрбамбырд вæййынц мæрдджыны хæдзары.

2. Сыхæгтæ сæхимидæг баныхас кæнынц, мардмæ чи базилдзæн, уый тыххæй (нæлгоймаг мардæн лæггад кæныни нæлгоймæгтæ, сылгоймаг мардæн та – сылгоймæгтæ). Марды хъæуы ныннайын, ныддасын, йæ уæлæ йæ мæрддзаг дарæс скæнын æмæ йæ æрæвæрын йæ сынтæджы.

3. Хæдзары бинонтæ мыггаджы æмæ сыхы хистæртимæ бауынаффæ кæнынц:
– кæд уыдзæн мард æвæрæн бон;
– кæдæм æмæ кæй арвитой хъæргæнæг;
– чи ацæудзæн кусæрттаг æлхæнынмæ;
– марды чырын саразын кæмæн бабар кæндзысты;
– кæцы уæлмæрды æвæрд æрцæудзæн мард æмæ чи архайдзæн уыцы хъуыддæгтыл (мардласæн машинæ, агуыридуртæ, къæйтæ (плитатæ) æмæ æндæр хъуыддæгтæ);
– кæртæн уынаффæгæнæг чи уыдзæн;
– чи арфæ кæндзæн мæрддзыгойæн;
– чи лæудзæн уырдыгыстæг;
– ингæн къахынмæ чи ацæудзæн;
– кусарт, нозт æмæ хойраджы хъуыддæгтæ чи кæндзæн;
– чи æрбаласдзæн стъолтæ, тæбæгътæ, пъалаткæтæ, агуывзæтæ æмæ æндæр мигæнæнтæ, суг, газ.

4. Марды куы цынайынц æмæ йæм куы бæилынц, уæд ыл йæ уæлæдарæс скæнынц. Чырыны йæ куы февæрынц, уæд сыхæгты нæлгоймæгтæй хистæр æрбацæуы æмæ йын йæ чырын ныффæлдисы, æмæ мард чырыны сæвæрынц. Пысылмон адæм та фæархайынц сæ динмæ гæсгæ.

5. Адæймаг куы амæлы, уæдæй йæ ныгæнæн бонмæ хæстæджытæ æмæ сыхаг сылгоймæгтæ, кæрæдзийы ивгæйæ, æппынæдзухдæр бадынц марды раз.

6. Мæрддзыгой кæй фæстæ цæуы, уый хæдзары фынгæвæрд нал кæнæм.

7. Мардмæ æрцæуæгæн не ’мбазлы:
– дардæй хъæрæй кæугæ цæуын;
– уæрджытæ хойын, рустæ æмæ дзыккутæ тонын (вæййы афтæ дæр, æмæ хъæргæнгæ æрбацæуы, адæмы йæхимæ æркæсын кæны æнæ цæссыгæй, – уый у цæстмæми);
– хъæбыстæ, пъатæ кæнын æмæ къухтæ исын; – ронбæгъдæй цæуын;
– æнæ худæй, æнæ кæлмæрзæнæй, былахуырстæй цæуын (гæнæн æмæ амал куы уа, уæд); – урс æмæ цыбыр дарæсы цæуын;

8. Мардмæ бацæуæн фæндаг хъуамæ уа уæгъдибар. Марды цур не ’мбæлы тамако дымын, къух зыппы дарын, мардмæ чъылдыммæ лæууын, хъæрæй кæнæ тызмæгæй дзурын.

9. Мæрддзыгой адæм нымæцмæ гæсгæ цæуынц къæйттæй (дыууæ, кæнæ цыппарæй). Дыууæйæ ныхас кæны, рахизфарсæй чи лæууы, уый, цыппарæй – рахизфарсæй дыккаг адæймаг. Иннæтæ се ’ппæт тæфæрфæс кæнынц сæргуыбырæй.

10. Мæрдджынтæ æмæ арфæгæнæг лæууынц кæртмæ бахизæнæн (подъездæн) йæ галиу фарс. Мæрддзыгой куы æрбацæуы мæрдджыны хæлæрмæ, уæд, хъыггæнгæ чи фæцæуы, уыдон лæуынц разæй æмæ хъыггæнгæ бацæуынц марды уæлхъусмæ. Иннæтæ тæфæрфæрс ракæнынц æмæ иуварс æрлæууынц. Хъыггæнгæ чи бацыд, уыдон куы раздæхынц, уæд тæфæрфæс ракæнынц, куыд æмбæлы, афтæ.

11. Зианджыны кæрты уынаффæ кæны æгъдауджын адæймаг, сыхаг лæг. Уый сæрмагондæй раздæр сбæлвырд кæны:
– марды кæртмæ куы рахæссой, уæд æй æрæвæрын хъæуы – йæ æргом хурыскæсæнмæ, пысылмон марды та – динмæ гæсгæ;
– чырыны галиу фарс – чырыны сæр;
– чи байгом кæндзæн саударæн æмбырд, чи ныхас кæндзæн. (Зиан кæртмæ куы рахæссой, уæд рæстæгмæ арæзт хъæдæй цыртдзæвæн æмæ веноктæ æвæрд вæййынц зианмæ хæстæг къулы рæбын);
– марды куы сисой, уæд чи хæсдзæн чырын, чырыны сæр, йæ къам-портрет, цыртдзæвæн, веноктæ æмæ хæрзиуджытæ.

12. Саударæн æмбырды хъæуы цыбыр æмæ æргом ныхас кæнын, чи уыд æмæ цавæр адæймаг уыд, уый тыххæй, Фыццаг ныхасы бар вæййы сыхæгтæн, дыккаг – йæ куыстæй, фæстаг – мыггаджы номæй дзурæгæн. Саударæн æмбырды не ’мбæлы фæрсын, кæй ма фæнды раныхас кæнын, зæгъгæ.

13. Ирон мардмæ æрцæуы бирæ мæрддзыгой æмæ, чи дзура, ууыл хъуамæ уа сæрыдарæс, стæй йын йæ ныхас хъуамæ адæм хъусой, фæрссаг ныхас дзы не ’мбæлы.

14. Марды уæлхъус раарфæ кæнын æмбæлы, чи балæггад кодта, уыдонæн.

15. Мардæн конд нозт æмæ хойрагæй аходын не ’мбæлы, цалынмæ сæ ныххæлар кæной, уæдмæ. Кæрты лæггадгæнджытæн æмæ ингæнкъахджытæн саразæн ис хицæнæй æгъдау: сцæттæ кæнын сæрмагондæй, цы хъæуы, уый ингæнкъахджытæн та арвитын хæринаг, куыд æмбæлы, афтæ.

16. Мæрдæхсæвæр кæнын не ’мбæлы. Уый у тæригъæддзинад мардн æмæ йæ мауал кæнæм.

17. Мардыныгæнæн бон райсомæй мардæн цы хуыссæ æрцæттæ кæнынц, уымæй сылгоймæгтæ сисынц æмæ дзы æрцæттæ кæнынц æртæ чъирийы æмæ сæ æрæвæрынц мæрдджын хæдзары. Мæрдджын æмæ сыхæгтæй дæри у адæймаг бацæуынц хæдзармæ æмæ чъиритæ кувгæ нæ кæнынц фæлæ Хуыцауы ном ссарынц æмæ дзæ курынц: Стыр Иунæг Хуыцау æппæт дæр дæуæй аразгæ сты хъуыддæгтæ, æмæ ацы хæдзары ацы марды кæнттæй фæстæмæ, æртыгай чъиритæ куыд кувæм, уый дæ цæст бауарзæд. Бадгæ , хæргæ æмæ нуазгæ нæ фæкæнынц. Ныртæккæ иуæй иутæ ацы æгъдау нал кæнынц æмæ уыцы æртæ чъирийы афæдзæй афæдзмæ хæрнæджы фынгмæ хæссынц, хистæры раз сæ æрæвæрынц, – æмæ уый раст нæу. Хæрнæджы фынгыл хистæры раз æвæрæм дыууæ чьирийы. Фыдæлтæй æрхæццæ арфæ: «Æртæ чъирийы куыд кувæм», зæгъгæ, уымæн æмæ хæрнæджы фынгыл не ’вæрдтой æртæ.

18. Мард куы ахæссынц, уæд сыхæгты æмæ мæрдджын мыгтаджы хистæртæ цыппарæй бацæуынц мæрдджыны хæдзармæ (стыр хæдзæртты – кæрты къæбицмæ) æмæ, мардæн цы цæхх æмæ кæрдзын æрцæттæ кодтой, уыдон ныххæлар кæнынц. Куы ныхрæлар кæнынц, уæд фыдызгъæл, нозтытæ æмæ хæринæгтыл цæхх айзæрдынц, стæй сæ карды фындзæй карддзæф фæкæнынц. Хæлар чи ныккæны, уыцы хистæртæ нуазгæ æмæ бадгæ нæ кæнынц, рацæуынц мæрддзыгоймæ æмæ семæ хæрнæджы æрбадынц. Йæ бон кæмæн у, уый цæуы уæлмæрдтæм. Уæлмæрдты мард ныгæнинаг у, æмæ уырдæм æнæмæнг хъуамæ ацæуой бынтон хæстæджытæ æмæ фæсивæд фæкæсынмæ.

19. Хæрнæджы æрбадыны разæй адæмæн рахæссын хъæуы дон, сапон æмæ хисæрфæн, цæмæй, кæй фæнды, уый ныхса йæ къухтæ.

20. Хæрнæджы бадгæйæ, кæрæдзимæ нæ хъæуы хатын карз нозт æмæ хæрынæй. Алчидæр хъуамæ æвдиса йæ хорз æгъдау. Фынгæй стын хъæуы æрвонгæй æмæ хæрдхъуагæй.

21. Фынгыл алы адæймаджы раз дæр хъуамæ уа тæбæгъ, агуывзæтæ нозт æмæ донæн, вилкæ æмæ къухсæрфæн гæххæтт (салфеткæтæ), алчидæр нуазы йæхи агуывзæйæ.

22. Бадты адæмы уæлхъус галиурдыгæй æмбæлы уырдыглæуджытæ. Хъуамæ дзы уа æгъдау æмæ æфсарм. Рох нæ ма уæд, кæм бадæм, уый. Уырдыгыстæг хистæртæн кæны лæггад, нозтæй сæм нæ хаты.

23. Хистæрæн сбадын кæнын хъæуы, фынгæн æмæ адæмæн æгъдау чи ратдзæн, æфсæрмы кæмæй кæной. ахæм сыхаг адæймаджы. Дыккаг хистæр вæййы æрцæуæг адæмæй – æгъдауджын адæймаг.

24. Хæрнæджы бадты хистæр фæбады фынджы райдайæны галиуæрдытæй фыццаг бынаты, йæ комкоммæ (фынджы рахиз фарс) – æрцæуæг адæмæй дыккаг хистæр. Мæрдджын мыггаджы хистæр бады хистæры фарсмæ. Рæгъытæ уадзы бадты хистæр. Хæрнæджы райдианы хистæр æрбахонын кæны саударæг нæлгоймæгты, ратты сын бар сæ саутæ сисынæн. Уыдон сæ куы сисынц, уæд æрбацæуыцн æмæ сæхи равдисынц хистæртæм. Хистæр сын фæзæгъы: «Абонæй фæстæмæ уæ хил дарын мауал бахъæуæд, цардаудæн уыл кæнæд».

25. Хæрнæджы фынг æвæрынц афтæ: хистæры раз æвæрд вæййы дыууæ кæрдзыны, кусарты сæр, сæрæн йæ рахиз фарс – бæрзæй. Чъиритæй фæстæмæ æмбæлы дзул, нозт, фыдызгъæл æмæ цæхх.

26. Хæрнæджы фынгыл мæрдджын æрæвæры, йæ бон цы у, уыцы нозт æмæ хæринæгтæ æмæ дзы уæлдай мацы домæм, ма йæ æвæрæм æфсæрмы бынаты. Мардæн цы нозс, фыдызгъæл æмæ хæринæгтæ æрцæттæ кæнынц, уæдонын кæнынц хæлар. Йæ чырын, уæлмæрд, уæлæйы æмæ къахы дарæс, стæй йæ хуыссæнтæ фæлдисгæ.

27. Хæрнæджы не ’мбæлы:
– бирæ дзурын æмæ тамако дымын;
– хъæрæй дзурын;
– фæрасыг уæвын;
– нуазæнтæ дæттын;
– хистæрмæ ныхас æппарын;
– æнæ хистæры бафæрсгæ, фынгæй сыстын;
– хистæр куы дзура, уæд уæлдай ныхас кæнын.

Хæрнæджы фынгыл сидгæ нæ вæййы, фæлæ бадты хистæр уадзы рæгъ. Рæгъ кæнын фынджы сæрты не ’мбæлы, фæлæ дæ дæллаг фарс чи бады, уымæ. Хæрнæджы фынгыл цы нозт æмæ хойраг æвæрд ис, уыдон æрмæст хæрыны тыххæй не сты, уыдон стык ад æмæ марды номыл. Уымæ гæсгæ хæрнæджы фынгыл бирæ бадын æмæ рæгътæ кæнын не ’мбæлы. Адæмы фæндонмæ гæсгæ æгъгъæд уыдзæн цыппар, кæнæ æхсæз рæгъы, мæнæ афтæ:
1. Хуыцауы ном;

2. Рухсаг, чи амард, хист (хрнæг) кæй номыл у, уымæн.

3. Бинонты цæрæнбоны тыххæй;

4. Зæронд мæртты тыххæй.Ацы рæгъы кой хъæуы æрмæстдæр хæдзарæй æмæ мыггагæй амæй размæ чи фæмард, кæнæ амард, уыдоны тыххæй. Сæ нос сæфт макуы уæд, зæгъгæ. Мæгуыр хæдзар йæ мардæн цы цæхх æмæ кæрдзын æрцæттæ кодта, уый ма хæлар кæнæм Фыдыбæсты æмæ æндæр хъæнджын мæрдты тыххæй. Уыдон иууылдæр хауынц зæронд мæрдтæм æмæ уыдоны ном ссарын æмбæлы иумæйаг стыр бадты. Зæронд мæрдты тыххæй нозтæй калын æмæ рухсаг зæгъын не ’мбæлы.

5. Фыдæбонгæнджыты цæрæнбоны тыххæй. Ардæм хауынц æрцæуæг адæм, сыхæгтæ æмæ кæстæртæ.

6. Бæркад мæрдты мыкалгабырты тыххæй.

28. Цæмæй хæрнæджы æгъдау уа, уый тыххæй хъæуы афтæ: хистæр рæгъ куы рауадза, уæд æм – лæмбынæгæй хъусын. Рæгъ дæрвæтин ахæссы уымæн, æмæ алчидæр йæ рæгъы дзуры бирæ, уæлдайдæр, куы аназа, уæд. (Куы йæм сдзурай, уæд дыл бабустæ кæндзæн: «Æз дæр худ дарын, хæдзарæй рацыдтæн æмæ мæм мА дзур, мæхибар мæ уадз»). Уый раст нæу, æмæ афтæ мауад кæнæм.

29. Хæрнæджы фынгыл нуазæнтæ дæттын не ’мбæлы, æмæ сæ ма дæттæм. Мæрдджын мыггаг къæйттæй рацæуынц дыууæ кæнæ цыппарæй хæрнæджы бадты адæммæ, хистæрты раз æрлæууынц, æмæ бадты адæм бамбарынц, адон арфæмæ кæй рацыдысты, уый. Семæ вæййы хистæрæн сыхаг лæг, ныхас дæр фæкæны, уый.Нуазæнтæ сæм нæ вæййы, фæлæ хай, дыууæ фæрсчы кусартæй. Уырдыгстæг сын рауадзы дыууæ агуывзæйы нозт. Мыггагимæ æрбацæуæг сыхаг лæг арфæйы ныхæстæ фæзæгъы æрцæуæг адæмæн æмæ иу агуывзæ ратты хистæрмæ, дыггаг та, дыггаг хистæрмæ. Уыдон дæр цы æмбæлы ахæм ныхæстæ фæзæгъынц арфæгæнджытæн. С нуазæнтæ баназынц æмæ сын фæстæмæ авæрынц ност, æцæг фыццаг мæрдджын мыггаджы хистæрмæ, кæцы мæрдджын мыггаджы номæй арфæ ракæны фыдæбонгæнджытæн. Адæмы фæнды, цæмæй нуазæнтæ мауал рахæсс бахæсс кæнæм, фæлæ хистæр ныхасы бар радты мæрдджын мыггаджы хистæрæн, уый арфæ ракæны фыдæбонгæнджытæн æмæ ууыл æгъдау фæцис.

30. Бæркады рæгъы размæ кусарты сæры галиу хъус ралыг кæнынц, фæсаджил æй кæнынц æмæ йæ кусарты сæры уæлæ æрæвæрынц, йæ лыггæнæн хистæры æрдæм.

31. Нæ хистæртæ марды кæнды нæ бадтысты, цалынмæ мæрддзыгой уæлмæрдæй æрбаздæхой мæрдджыны хæдзармæ, уæдмæ. Фæлæ ныртæккæ уыдонмæ æнхъæлмæ нæ кæсынц.

32. Марды фæстæ мæрддзыгой се ’ппæт уæлмæрдтæм нæ цæуынц, – цæуынц æрмагст кæстæр фæсивæд фæкæсынмæ æмæ, мæрдджыны бинонтæм хæстæгдæр чи у, уыдон. Баргонд кæмæн вæййы, уый цыбырæй арфæйы ныхас фæзæгъы ингæнкъахджытæн æмæ мæрддзыгойæн. Ныффæлдисын ын кæны йæ сыджыты хай, йæ чырыны йын гыццыл сыджыт бакалы. Чырыны æмбæрзæныл спичкæ адарынц, цæмæй гыццыл асудза, уый фæстæ мард баныгæнынц.

33. Марды кæндтæ афæдзæй-афæдзмæ сты бирæ. Рæстæмбис нымадæй дзы хъæуы 12-14 кусарты. Ныры заманы ахæм хæрдзтæ кæнын бирæты бон нæу, æфсæрмæй мæрдджын хæсты бацæуы. Адæмы фæндонмæ гæсгæ марды кæндтæ кæнын хъæуы дыууæ хатты: йæ ныгæнæн æмæ афæдзы бон. Хæрнæг æмæ хисты фынгыл мæрдджыны бинонтæ æрæвæрынц хойраг æмæ нозт, сæ амал куыд уа, уымæ гæсгæ. Иннæ мысæн бонтæ кæнынц, никæй сæм хонынц, афтæмæй зианджын бинонтæ сыхæгтимæ æмæ хæстæг къабæзтимæ. Мысæн бонты тыххæй телеуынынады, газетты æмæ радиойæ нæ хъæуы хъусын кæнын.

34. Сабатизæрты æмæ майрæмæхсæвты нæ фыдæлтæ кусарт нæ кодтой, нæлгоймæгтæ уырдæм нæ цыдысты. Сыхаг сылгоймæгтæ-иу мæрдджыны хæдзары амбырд сты, уæлмæрдты-иу дыууæ кæрдзыны æмæ цы æмбæлы, уый ныххæлар кодтой, æндæр ницы.

35. Ныртæккæйы рæстæджы мæрдджын бинонтæ лæвæрттæ кæнынц ингæнкъахджытæн, кæрдзынгæнджытæн æмæ, мардмæ чи базылд, уыдонæн. Дыууиссæдзæм боны та хæстæджытæ мæрдджынтæн хæссынц алыхуызон лæвæрттæ къахы дарæсæй сæры дарæсмæ æмæ сæ марды сынтæгыл сæвæрынц. Уыцы лæвæрттæ раздæр нæ кодтой, мардæн сты тæригъæды хос, адæмы зæрдæмæ нæ цæуынц, – æмæ сæ мауал кæнæм. Нæ фыдæлтæ-иу кодтой афтæ: кæрдзынгæнджытæн лæвæрдтой куатæтæ, цæмæй сæхи ма счъизи кæной, сау чи дардта, уымæн та-иу аивтой йæ сау кæлмæрзæн æндæрæй, – афтæ æмбæлы.

36. Сабæттаг дæттæм æрмæстдæр мардæвæрæн бон, кæмæн куыд йæ бон æмæ йæ фадат у, афтæ. Стыр фæлхæстæ не ’мбæлы. Сабæттаг чи фыссы, уыдон вæййынц бинонты æвзæрст, æмæ хъуамæ бадой фæсвæд ран, – афтæ аивдæр у. Сабæттагæй машинæтæ æлхæнын æмæ сæ зæрдæйыдзæбæхæн рацу-бацу кæнын у тæригъæд хъуыддаг. Афтæ не ’мбæлы! Сабæттаг æхца хардз марды кæндтыл, кæнæ марды номыл адæм исты хорздзинад саразынæн. Нæ хъæуы цæстмæ митæ кæнын: хъæздгуытæн æмæ хицауадæн бирæ сабæттаг æхцатæ дæттын, мæгуыртæн та – гыццыл.

37. Тæригъæд хъуыддаг у иу мардæн цалдæр цыртдзæвæнтæ æвæрын, уæлдайдæр – фæндæгтыл. Нæ фыдæлтæ-иу афтæ дзырдтой: иу мардæн цалдæр цырты алы рæтты æвæрын у фыдбылыз канд бинонтæн нæ, фæлæ æнæхъæн мыггагæн дæр, сæ рæзты цы бæлцæттæ цæуы, уыдонæн дæр, – æмæ уыцы хъуыддаг мауал кæнæм. Мардæвæрæн æмæ кæнды бонты мæрдджын бинонтæн не ’мбæлы:
– искæйы æфхæрын, расыг уæвын; – фæлдисинæгтæ, уыдонимæ хойрæгтæ цæттæ кæнын;
– мардæн ингæн къахын, кæнды фынгтæ æвæрын; – марды чырын хæссын;
– лæггадгæнджытæн лæвæрттæ кæнын; – мардмæ чи не ’рцыд, кæнæ сабæттаг чи нæ радта, уымæн йæ кой кæнын, кæнæ уый æфхæрын;
– кæд уавæртæ нæ домынц, уæд мæрдджын хæдзары цины хъуыддæгтæ кæнын, кæнæ цинмæ цæуын;
– цалынмæ мардæн йæ кæндтæ ахицæн уой, уæдмæ зарын, кафын, хъæрæй худын, фæндырæй цæгъдын æмæ хъæлдзæгдзинæдты архайын.

38. Хæрнæджы фынгыл цы кусарты сæр æмæ бæрзæй æвæрд вæййынц, уыдон дыккаг бонмæ ма уадзæм æмæ дыккаг хатт ма бадæм зианы фынджы уæлхъус. Бæркады рæгъы размæ, кусарты галиу хъус куы ралыг кæнынц, уый фæстæ сæр хъæуы дыууæ дихы фæкæнын. Иу æрдæг дзы хъæуы хистæрты раз æрæвæрын, иннæйы та хъæуы арвитын мæрдджын мыггаджы хистæрæн, кæнæ – æрæвæрын дыккаг фынгыл. Кусарты бæрзæй хъæуы æрлыгтæ кæнын æмæ фынгтыл æрæвæрын.

39. Мауал æвæрæм хæйттæ мæрддзыгойæн семæ.

40. Нозт æмæ хæринæгтæй баззайы, æмæ уыдонæй цы ’мбæлы, уый хæссын хъæуы мæрдджыны хæдзармæ. Хæрнæджы иннæ хæринæгтæ байуарын хъæуы мæгуыртæн, сыхæгтæн, зæрæдты хæдзарæн æмæ рæвдауæндæттæн. Хæрнæджы бас мауал калæм фæлæ йæ дæттæм сыхæгтæн, кæнæ йæ æрвитæм зæрæдты æмдзæрæнмæ æмæ сывæллæтты хæрæндæттæм.

41. Мауал кæнæм стыр цыртдзæвæнтæ, ингæны сæр ма кæнæм агъуыстытæ æмæ æндæр арæзтæдтæ. Ныффидар кæнын хъæуы ахæм æгъдау, цæмæй цыртдзæвæнтæ арæзт æмæ æвæрд цæуой иухуызон, æнæ уæлдай митæй.

42. Нæ фыдæлтæй баззад ахæм ныхас: «Мæрдджыны цæст уынаг у». Адæм мæрдджыны кæрты кæрæдзийы уынынц, бæрæг вæййы, алчидæр йæхи куыд æвдисы, уый, зынынц æгъдау æмæ æнæгъдаудзинад дæр. Адæймаг хъуамæ æппæты разæй хъуыды кæна йæ мад æмæ йæ фыды сæр, йæ мыггаг æмæ йæ ’фсымæрты кад, хъуамæ ирон адæмы фарн ма хала æмæ йæхи дара, куыд æмбæлы, афтæ. Дæ зæрдыл дар: сомбон дæу дæр мæлын хъæудзæн, æмæ дæумæ кæсынц кæстæртæ, дæ цот, æмæ сæ ма æгад кæн, хорз æгъдауыл сæ ахуыр кæн.

43. Адæм хæрнæджы фынгæй куы сыстой, уæд, сыхæгтæ æмæ мæрдджынтæ сæ хæстæджытимæ хъуамæ æрлæууой мæрдджыны кæрты – хæдзары (подъезды) размæ. Æфцæуæг адæм та – сæ комкоммæ.
Марды кæнды хистæрæн чи бадт, уый ныхасы бар ратты æрцæуæг адæмæн. Уыдонæй дыккаг хистæрæн чи бадт, уый дыууæ къахдзæфы ракæны æмæ фæзæгъы: «Зиан рухсаг уæд, йæ фæстæ цы бинонтæ ныууагъта, уыдоныл цардаудæн кæнæд, ацы мыггагмæ, ацы кæртмæ æмæ сыхбæстæм абонæй фæстæмæ хорздзинæдтæм куыд цæуæм, Хуыцау уый зæгъæд».
Уый фæстæ, хистæрæн чи бадт, уый дæр дыууæ къахдзæфы размæ рацæуы æмæ арфæ ракæны æрцæуæг адæмæн æмæ сын фæзæгъы: «Бузныг уе ’ппæтæн дæр. Уæ куыстытæ, уæ хæдзары хъуыддæгтæ ныууагътат æмæ нын нæ зианæн кад скодтат. Абонæй фæстæмæ цинты цæут, цы хæдзæрттæй рацыдыстут, уырдæм фæстæмæ дзæбæхæй сæмбæлут. Уæ фыдæбæттæ уын циндзинады куыд фидæм, Хуыцау уый зæгъæд».
Ууыл ахицæн вæййынц мард бавæрæны æмæ хæрнæджы хъуыддæгтæ. Æнæмæлгæ дуне нæй, алкæй дæр мæлын хъæуы. Зиан афоныл æмæ нывыл куы цæуа, уæд ын быхсын æнцондæр у. Ирыстоныл æрцыд бирæ бæллæхтæ: хæстытæ, ихзæйтæ, аваритæ æмæ æндæртæ. Хуыцау нын сæ мауал фенын кæнæд! Нæ адæмæй алчидæр сæдæ азæй фылдæр цæрæд амондджын æмæ фæрнджынæй! Ахæм арфæ не ’ппæтыл дæр æрцæуæд!

 
Наверх

 

Яндекс.Метрика