Нæ зынаргъ хотæ æмæ æфсымæртæ!
Нæ къæсæрмæ та æрхæццæ Ног Аз, æмæ уе ‘ппæтæн дæр ног хæрзтæ æрхæссæд!
Ацы бонты фæндараст зæгъæм зæронд азæн, æмæ дзы æвзæрæй цы уыд, уый йемæ ахæссæд, йæ хорздзинæдтæ та немæ баззайæнт.
Ирон адæм фæкувынц, нæ бæстæ сабыр куыд уа, нæ уæнгты уа æнæниздзинад, нæ бакуысты та - бæркад, æмæ нын ахæм лæвар Иунæг Кадджын Стыр Хуыцау саккаг кæнæд!
Ног Азы цы хорздзинадмæ æнхъæлмæ кæсут, уый уæ къухы дзæбæхæй бафтæд!
«Иры Стыр Ныхас» Ног Азыл æмбæлы ныфсджындæрæй æмæ тыхджындæрæй. Ацы аз цы æнæрадон IX съезд ацыдис, уый нын нæ размæ сæвæрдта ног ахсджиаг хæстæ, æмæ ног азы нæ сæйрагдæр архайд уыдзæн уыдон сæххæст кæныныл. Нæ зæрдæ дарæм уыцы зиуы кæй æрлæудзыстут нæ фарсмæ, æмæ иумæ æмдыхæй, æмзонд, æмзæрдæйæ кæй бавналдзыстæм нæ адæмы фидæн рæсугъддæр кæнынмæ.
Бæрæгбоны хорзæх уæ уæд! Ног азы нæм фылдæр уæд куывдтæ, чындзæхсæвтæ, авдæнбæттæнтæ! Алы хæдзарæй дæр сывæллæтты худын куыд хъуыса, ахæм амонд нын Хуыцау балæвар кæнæд!
Фæрнджын æмæ бæркадджын ут!

Кучиты Руслан
æппæтдунеон æхсæнадон змæлд
«Иры Стыр Ныхас»-ы
Координацион Советы сæрдар.

Наверх

 

Яндекс.Метрика